Чырыстийы æцæг еклези
Внешний вид
«Чырыстийы æцæг еклези» (кит. 真耶穌教會) у чырыстон уырнджыты хибар къорд, кæцы равзæрд Китайы, Пекины сахары 1917 азы. Йæ сæйраг аргъуан ныртæккæ ис Тайваны сакъадахыл. Нырыккон рæстæджы Чырыстийы æцæг аргъуаны ис 1,5 милуан уырнджыты бæрц алы континентыл, уыдонæн сæ фылдæр китайæгтæ. 1995 азæй ис уыцы аргъуаны хайад Мæскуыйы дæр.
Натлиа кæнынц æрдзон доны — цад кæнæ цæугæдоны — натлиагæнинаджы донмæ æнæхъæнæй тъыссынц. Ис сæм æндæр миниуджытæ дæр, уыдоны ’хсæн глоссолали æмæ сабаты аргъуыц.