Хъæрæсе-Черкес
Уæрæсейы Федерацийы субъект | |||||
Хъæрæсе-Черкесы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Карачаево-Черкесская Республика хъæр.-балхъ. Къарачай-Черкес Республика кæсгон-черкес. Къэрэшей-Адыгэ Республикэ абаз. Къарча-Черкес Республика ногъ. Карашай-Шеркеш Республика | |||||
|
|||||
43°55′00″ с. ш. 41°47′00″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Сæйраг сахар | Черкесск | ||||
Сæргълæууæг | Рашид Темрезов[d] | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрды датæ | 1992-æм азы 16 майы | ||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | MSK (UTC 3) | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↘468 444[1] ад. (2023) | ||||
Официалон æвзæгтæ | абазаг, хъæрæсейаг, ногъайаг, уырыссаг, черкесаг | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Код ISO 3166-2 | RU-KC | ||||
Автомобилон код | 09 | ||||
|
|||||
Официалон сайт(уырыс.) | |||||
Викикъæбицы медиа |
Хъæрæсе-Черкес (Хъæрæсе Черкес), официалон ном у Хъæрæсе-Черкесы Республикæ, цыбырæй ХъЧР (абаз. Къарча-Черкес Республика; хъæр.-балхъ. Къарачай-Черкес Республика; кæсгон-черкес. Къэрэшей-Шэрджэс Республикэ; ногъ. Карашай-Шеркеш Республикасы; уырыс. Карачаево-Черкесская Республика) у Уæрæсейы республикæ Цæгат Кавказы, лæууы Краснодары край, Кæсæг-Балхъар æмæ Стъараполы крайы ’хсæн, хуссары та — Абхаз æмæ Гуырдзыстонимæ арæн.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Республикæйы фæзуат у 14 100 км². Йæ сæйраг сахар у Черкесск.
Клухоры æфцæгæй (2781 м) Хъæрæсе-Черкес баст у Абхазимæ. Уыцы ’фцæгыл цæуы, йæ дæргъ 337 километры кæмæн у, Сухумы хæстон фæндаг (уырыс. Военно-Сухумская дорога).
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]Республикæйы цæрынц 478 517 адæймаджы, уыдонæй 270 402 (56,6%) — хъæуты[2][3].
ХъЧР иу кæны хъæрæсе (цæрджыты нымæцæй 41,0%), хъазахъхъ (уырысимæ 31,6%), черкес (11,9%), абаз (7,8%) æмæ ногъай (3,3%) кæм цæрынц, уыцы территоритæ. Хъæрæсе-Черкесы ис ирон хъæу дæр — Лабæ.
Политикæ
[ивын | Бындур ивын]Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы президент у Рашид Темрезов (хъæрæсейаг), хицауады сæрдар у Индрис Кябишев (черкесаг).
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Хъæрæсе-Черкесы Президенты администрацийы официалон сайт Архивгонд æрцыдис 19 январы 2013 азы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ Сообщение Росстата о предварительных итогах ВПН-2010 (xls)(недоступная ссылка). Росстат (28 марта 2011). Датæ: 2011-æм азы 28 мартъийы. Архив 2011-æм азы 10 августы.
- ↑ Изменение численности постоянного населения по субъектам Российской Федерации по компонентам (xls). Росстат (14 июля 2010). Датæ: 2010-æм азы 24 августы.