Перейти к содержанию

Беллинсгаузен, Фаддей Фаддейы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фаддей Фаддейы фырт Беллинсгаузен
нем. Fabian Gottlieb Thaddeus von Bellingshausen
Райгуырды датæ 9 (20) сентябры 1778
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 13 (25) январы 1852[1][2] (73 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз бæлццон-иртасæг, картограф, æфсæддон, денджыздзау
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Абанайы орден орден Святого Георгия IV степени орден Святого Владимира 1-й степени Сыгъдæг Владимиры орден Сыгъдæг Невайаг Александры орден орден Белого орла орден Святого Владимира 2-й степени орден Святой Анны 1-й степени с императорской короной орден Святого Владимира 3-й степени орден Святого Людовика
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Фадде́й Фадде́йы фырт Беллинсга́узен (Фабиан Готлиб Беньямин фон Беллингсгаузен (нем. Fabian Gottlieb Benjamin von Bellingshausen; 1778-æм азы 9 сентябры Эзелы сакъадах1852-æм азы 13 январы Кронштадт) у уæрæсейаг денджыздзау, адмирал, Антарктидæйы фыццакæнæг. Рацыди балтийаг немыцы æлдæрттæй.

10 азыкконæй бахауд Кадетты денджызон корпусмæ Кронштадты.

1795, æхсæз азы фæстæ, Беллинсгаузен райста йæ фыццаг флотон чин — гардемарин сси. Фидæн азы Англисы донбылтæм фурдбалц скодта. 1797 азы йæ смичман кодтой (фыццаг афицерон чин флоты) æмæ йæ снысан кодтой Ревелы эскадрæмæ. Эскадрæйы наутыл цыди 1803 азмæ.

1803 азы Иван Крузенштерны науты экипажтæ агурын райдыдтой, цæмæй ацыдаиккой фыццаг уæрæсейаг зæххалварсоны. Балтийаг флоты ахуырдоны сæйраг директор, вице-адмирал Ханыков Пётр Иванович, кæй дæлкъухдариуæджы Беллинсгаузен уыдис цалдæр балцы, бауынаффæ кодта Беллинсгаузены-фырты нау «Надеждамæ» айсын.

1803-1806 æзты Фаддей хайад иста Уæрæсейы науты фыццаг зæххалварсон ленкады слуп «Надеждайыл», Крузенштерны дæлбар. Фæсбалц æй аразмæ кодтой капитан-лейтенанты чинмæ.

1809 азы кампанийы командæ кодта корвет «Мельпомена»-йæ, 1812-1816 фрегат «Минервæ»-йæ, 1817-1819-мæ та фрегат «Флорæ»-йæ.

1819-1821 уыди хуссарполарон денджызтæм æрвыст антарктикон зæххалварсон экспедицийы сæрдар, уыдис дзы шлюптæ «Восток» æмæ «Мирный», фæстагæй командæ кодта Михаил Лазарев.

4-æм июны Кронштадтæй рацæугæ, Рио-де-Жанейромæ экспедици æрхæццæ ис 2 ноябры. Урдыгæй Беллинсгаузен сæрæй аздæхти комкоммæ хуссармæ, æмæ, Кукæй гомæрцыд, Хуссар Георгияйы сакъадахы хуссар-ныгуылæн зæххытыл æрзилгæйæ, х.у. иу-56°-мæ ’ввахс, «байгом» кодта маркиз де Траверсейы æртæ сакъадахы, федта Хуссар Сандвичы сакъадæхтæ, ацыд скæсæны х.у. 59°-ыл æмæ дыууæ хатт ахызти ноджы дарддæр, хуссармæ, ихтæ йæ кæййонг дард уагътой, уый онг. 69° х.у.-мæ куы бахæццæ сты 1820 азы 16 январы, экспедици бакодта Антарктикæйы.

Стæй, 1820 азы февралы æмæ мартъийы, шлюптæ адих сты æмæ ацыдысты Австралимæ (порт Джексон, ныры Сидней) Индийы æмæ Хуссар фурдтыл. Австралийæ экспедици ахæццæ ис Сабыр фурдмæ æмæ ма ссардтой цалдæр сакъадахы æмæ атоллы (Скæсæн, Симоновы, Михайловы, Суворовы, Россиянин æмæ а.д.), бауадысты иннæтæм дæр (Разагъд Кънйаз Александыры сакъадах) æмæ фæстæмæ сæздæхтысты Порт-Джексонмæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]