Æвдæм боны адвентисттæ
Внешний вид
Æвдæм боны адвентисттæ, зæгъгæ, афтæ хуындæуы протестантизмы къабæзтæй иу; фæзындис XIX æнусы. Ацы диныхатты характерондæр дыууæ æууæлы сты ахæм: йæ фарсхæцджыты фидарæй уырны, æппæт Дæс ныстуаны æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй сты (уыимæ сабаты тыххæй ныстуан дæр); адвентистты уырны, Йесойы Дыккаг æрцыд рæхджы кæй уыдзæн, уый.